Вести. Ирыстон. "Тандуты Агуындæйы стыр балц": ахæм сæргондимæ равдыст байгом Дзæуджыхъæуы историйы музейы
08 августа 2022
11:13
"Тандуты Агуындæйы стыр балц". Ахæм сæргондимæ равдыст байгом Дзæуджыхъæуы историйы музейы. Автор экспозицимæ бахаста 36 куысты. Конд сты акрилы нывкæнынады техникæй. Æмæ кæд куыстытæ сæ жанртæм гæсгæ сты алыхуызон, уæддæр сæ иу кæны сæ темæ – Балцытæ. Греци, Япони, Испани æмæ Франци.