Вести. Ирыстон. Плиты Иссæйы уынг æмæ Къостайы проспект кæм баиу вæййынц, ууылты ногæй ис машинæтæн цæуæн
15 декабря 2022
11:10
Дзæуджыхъæуы Плиты Иссæйы уынг æмæ Къостайы проспект кæм баиу вæййынц, ууылты ногæй ис машинæтæн цæуæн. Трамвайтæ та уыцы уаццагыл сæ цыд сног кæндзысты абон. Знон уал вагæттæ ауагътой тесты хуызы. Фæндаджы цалцæг æмæ ног трамвайты рельсытæ æвæрыны куыст нысан кодтой сæрды райдианмæ фæуын. Фæлæ подрядон организацийæн уый нæ бантыст. Эксплуатацийы мгъуыд кæй нæ сæххæст кодтой, уый тыххæй сæ фæивар кодтой.