Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуы байгом фæндаггон змæлд аразæг Ситуацион центр
28 марта 2024
13:42
Дзæуджыхъæуы байгом фæндаггон змæлд аразæг Ситуацион центр. Иу фæзы баиу кодтой горæты æмæ муниципалон скондты хсæн оперативон службæтæ. Центр суыдзæн разамынды æмæ республикæйы транспортон сервисты рæзты оргæн. Ног куыстуаты архайдимæ базонгæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Радзырдтой йын, центрмæ æхсæвæй – бонæй кæй цæудзæн фæндæгты уавæры тыххæй хъусынгæнинаг.