Вести. Аланийы хабæрттæ. Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта уалдзæджы æмæ фæллойы боны фæдыл
02 мая 2024
11:29
еспубликæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло Цæгат Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта уалдзæджы æмæ фæллойы боны фæдыл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæрæгбон у кусын чи зоны æмæ уарзы, йæ цард йæхи куыстæй чи аразы æмæ сыгъдæгзæрдæйæ чи фæллой кæны, уыдоны. 1-æм май у сабырдзинады, хæлардзинады, иузæрдиондзинады символ. Иу кæны адæмы æмæ сæ разæнгард кæны бæстæйы бæллиццаг æмæ райдзаст фидæнмæ.