Вести. Аланийы хабæрттæ. Эфир от 07.06.2024
07 июня 2024
09:00
Туризмы къабаз рæзы. Уыимæ арæзт цæуынц ног маршруттæ. Афтæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи дæр бацæттæ кодта сæрмагонд туртæ Ирыстоны сыгъдæг бынæттæм. 650 спортсменæй фылдæр архайдтой Æппæтуæрæсеон фестивалы федералон территори "Сириус"-ы. Дзæуджыхъæуккаг гимнасттæ ерыс кодтой æвзонг спортсменты разряды. Аивæдты республикон лицейы байгом конкурс "Ирыстоны сывæллæттæ ныв кæнынц"-ы уæлахиздзауты равдыст. Баиу кæны æвзонг нывгæнджыты æмæ сæ ахуыргæнджыты.