Вести. Аланийы хабæрттæ. Ирон театр рамбылдта хæрзаудæн фонд "Аивад, наукæ æмæ спорт"-ы грант
03 июля 2024
11:35
Цы нæ зыны, уый фенын æмæ бамбарын. Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр рамбылдта хæрзаудæн фонд "Аивад, наукæ æмæ спорт"-ы грант. Афтæ фехъусын кодта театры пресс-службæ. Уыцы фæрæзты фæрцы куырм адæмæн уыдзæнис гæнæн иннæтимæ театры спектакльтæм цæуынмæ. Сæрмагонд ифтонгарзы фæрцы сын дзурдзысты декорациты æмæ суанг артистты костюмты тыххæй.