Вести. Аланийы хабæрттæ. Бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады боны агъоммæ Парчы ацыд сфæлдыстадон фестиваль
05 июля 2024
11:34
Бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады боны агъоммæ Парчы ацыд сфæлдыстадон фестиваль. Архайдтой дзы 30 сывæллонæй фылдæр, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæй. Рæзгæ фæлтæрæн бацæттæ кодтой алывæрсыг фæзтæ. Арт – терапийæ, кулинарон, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, куклатæ аразыны æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ.