Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуккаг уынджы фæндаджы уæлцъары цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны

05 октября 2024 14:08

Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы сæйраг уынгтæй иу – Доваторы проспекты фæндаджы цалцæг. Фыццаг къæпхæны фæндаггон кусджытæ систой зæронд асфальт, сæмраст кодтой фæндаджы уæлцъар, уый фæстæ та дзы дыууæ æмвæзадæй сæвæрдтой ног асфальт. Рацарæзтмæ гæсгæ зылд цæуы фистæгæйцæуджыты фæндагмæ дæр. Сцалцæг кодтой æхсæнадон транспорты æрлæууæнтæ, сног кодтой къахвæндæгтæ, сæвæрдтой бордюртæ æмæ пандустæ. Æдæппæтæй ацы аз нысан кæнынц 26 уынгмæ базилын.

Вести. Аланийы хабæрттæ. Эфир от 05.10.2024
Вести. Аланийы хабæрттæ. Станицæ Луковскæйы байгом ног æхсыры завод
Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуккаг уынджы фæндаджы уæлцъары цалцæг кæронмæ фæхæццæ кæны
Вести. Аланийы хабæрттæ. Уыд Цæгат Ирыстоны Парламенты цæугæ æмбырд
Вести. Аланийы хабæрттæ. Ахуыргæнæг – алы сывæллоны царды ирд фæд чи ныууадзы, ахæм адæймаг
Вести. Аланийы хабæрттæ. Ахуыргæнæджы боны агъоммæ педагогтæн раарфæ кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы
Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуы фæсивæды Галуаны педагогты номыл арæзт æрцыд кадджын мадзал
Вести. Аланийы хабæрттæ. Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд промышленнон продукцийы æнæнзакъон зилдухы ныхмæ æмбырд