Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуы 7-æм скъола сбæрæг кодта йæ юбилей
09 ноября 2024
11:45
Дзæуджыхъæуы 7-æм скъола сбæрæг кодта йæ юбилей. Сæххæст ыл 125 азы. Æппæт уыцы азты дæргъы ахуыргæнæдон уыд бæрзонд профессионализмы, æнгомдзинады æмæ сфæлдыстадмæ тырнындзинады ирд дæнцæг. Республикæйы фæсивæдон галуаны юбилейы кадæн арæзт æрцыд бæрæгбоны концерт. Азæлыдысты дзы романстæ, равдыстой сценикон постановкæтæ. Хистæркъласонтæ та акафыдысты венаг вальс. Кадджын мадзалы архайдтой скъолайы алы азты рауагъдонтæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, стæй педагогон фæллойы ветерантæ.