Вести. Аланийы хабæрттæ. Сыгъдæг Георгийы номыл 13-æм æппæтадæмон кæстытæ"Чырыстон дин. Этнос. Культурæ" райдыдтой ЦИПУ
20 ноября 2024
10:24
Сыгъдæг Георгийы номыл 13-æм æппæтадæмон кæстытæ "Чырыстон дин. Этнос. Культурæ" райдыдтой Цæгат Ирыстоны паддазхадон университеты. Форум рагæй дæр сси традицион фæз ахсджиаг фембæлдæн. Ныхас фæцæуы Кавказы чырыстон дины историйыл æмæ нырыккон уавæрыл. Ацы хатт дæр форумы архайджытæ æрдзырдтой Уæрæсейы закъонæвæрынады фарстатыл, чырыстон дзуæрттыл Уæллаг Дзылаты.