Вести. Аланийы хабæрттæ. Фæндаггон фыдбылызты амæттæгты æппæтдунеон бон Горæтгæрон районы ацыд акци "Урс зæд"
21 ноября 2024
10:26
Фæндаггон фыдбылызты амæттæгты æппæтдунеон бон Горæтгæрон районы ацыд акци "Урс зæд". Бацархайдтой йыл фæндаггон пъæлицæйæгтæ æмæ Камбилеевскæйы астæуккаг скъолайы активисттæ. Акцийы архайджытæ арвмæ суагътой урс шартæ, афтæмæй æрымысыдысты фæндаггон фыдбылызты амæттæгты.