Вести. Аланийы хабæрттæ. Сывæллæтты дæнцæгæн хæссинаг театр "Премьерæ" -йы артистты схорзæхджын кодтой "Уæрæсейы рекордты чиныджы" сертификаттæй
21 ноября 2024
10:27
Сывæллæтты дæнцæгæн хæссинаг театр "Премьерæ" -йы артистты схорзæхджын кодтой "Уæрæсейы рекордты чиныджы" сертификаттæй. Уыдон архайдтой 10-æм юбилейон Музыкалон театралон фестиваль "Уæрæсейы нæмтты". Паддзахадон Кремлы галуаны сæ дæсныйад æвдыстой мин æрыгон артистæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй Владивостокæй райдай æмæ Калининградæй фæуы.