Вести. Аланийы хабæрттæ. Мæздæджы адæмон драмон театр ацы аз бæрæг кæны йе 65 азы юбилей
22 ноября 2024
10:41
Мæздæджы адæмон драмон театр ацы аз бæрæг кæны йе 65 азы юбилей. Ацы сезон актертæ бацæттæ кодтой сомихаг драматург Григор Тер-Григоряны пьесæмæ гæсгæ спектаклы премьерæ "Мой любимый Жорж". Комедийы архайд цæуы гыццыл хуссайраг горæты. Спектаклы ахъазыдысты куыд фæлтæрдджын актертæ, афтæ æрыгæттæ дæр.