Вести. Аланийы хабæрттæ. 4 цæгатирыстойнаг сылгоймаджы РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло кадджын уавæры схорзæхджын кодта
26 ноября 2024
10:34
Амæй фæстæмæ хæсдзысты "Цæгат Ирыстоны Хъæбатыр-Мады" кадджын ном. Мадзал баст уыди мады бонимæ. Регионы разамонæг сылгоймæгтæн арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл, куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы хицауад амæй фæстæмæ дæр архайдзысты рæзгæ фæлтæры ахуырады рæзты æмæ æдасдзинады æмвæзад фидардæр кæныныл, стæй сабитæ чи хъомыл кæны, уыдоныл аудыныл.