Вести. Аланийы хабæрттæ. Уæллаг Ларсы арæны сæрты ацæуыны бармæ æнхъæлмæ кæсынц 3 мин уæзласæн машинæйы бæрц
03 декабря 2024
10:30
Уæллаг Ларсы арæны сæрты ацæуыны бармæ æнхъæлмæ кæсынц 3 мин уæзласæн машинæйы бæрц. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ электрон рады регистрацигонд сты 3 мины æмæ 500 машинæйы. Æнхъæлмæ чи кæсы, уыцы бæлццæттæн равæрдтой хъармгæнæн пункттæ.