Вести. Аланийы хабæрттæ. Кæд боныхъæд фæхуыздæр, уæддæр митæруарды фæстиуджытæ æххæстæй иуварсгонд нæма æрцыдысты
17 декабря 2024
11:19
Кæд боныхъæд фæхуыздæр, уæддæр митæруарды фæстиуджытæ æххæстæй иуварсгонд нæма æрцыдысты. Уымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк дæр ивд нæма рцыд. Ууыл ныхас цыди аппаратон æмбырды. Сергей Меняйло профилон министрадмæ фæсидт, цæмæй регионы уавæрæн скæной аккаг аргъ. Фæндæгты хæдзарады комитетæй бадомдта, федералон фæндæгтæ ныссыгъдæг кæнын æмæ сыл сæрмагонд змисæзмæст ныккæнын. Ныхас цыди "Уæллаг Ларс"-ыл дæр. Гом у транспорты æппæт хуызтæн.