Вести. Аланийы хабæрттæ. Мариинаг театры филиалы фойе сфидауын кодта цымыдисаг заз бæлас

18 декабря 2024 11:12

Мариинаг театры филиалы фойе сфидауын кодта цымыдисаг заз бæлас. У "Уæрæсейы заз бæлæсты" коллекцийæ. Концепцийы баиу сты ирон æмæ уырыссаг культурæйы архайджыты бинонты традицитæ. Ног азы бæлас саив кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Хъесаты Мараты куыстыты мотивтæй, Национ музейы керамикон экспонатты къопитæй. Уымæй дарддæр ыл фенæн ис традицион адæмон костюмы элементтæ, рагон хъазæнтæ, хъæдæрмæгæй нывæфтыдтæ. Аивгæнæнтæ саразыныл бакуыстой хъуыстгонд декоратортæ, дизайнертæ æмæ флористтæ. Проект арæзт у сæрмагондæй нæ бæстæйы культурон бынтæ бахъахъхъæнынæн, стæй æрмдæсныйады хуызтæ парахат кæныны тыххæй. Заз бæлас "Ирыстоны ахорæнтæ" ирдæй æвдисы нæ республикæйы национ æууæлтæ. Проект "Уæрæсейы заз бæлæстæ" сарæзта Мариинаг театр. Баххуыс ын кодта культурон хъæппæристы Президентон фонд. Ирон заз бæлас фенæн уыдзæн 14-æм январы онг.

Вести. Аланийы хабæрттæ. Мариинаг театры филиалы фойе сфидауын кодта цымыдисаг заз бæлас
Вести. Аланийы хабæрттæ. Кинойы Хæдзары райдыдта кинофестиваль. "Анимацион кинойы 29-æм фестиваль "Суздальфесты" айзæлд"
Вести. Аланийы хабæрттæ. Мандаринтæ, лимоны алы хуызтæ – ацы дыргътæ зайынц хæххон паддзахадон аграрон университеты оранжереяйы
Вести. Аланийы хабæрттæ. Ногиры 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ систы 8-æм æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæ æмæ лауреаттæ
Вести. Аланийы хабæрттæ. "Уæрæсе æмæ Кавказ". Ахæм сæргондимæ æппæтадæмон наукон конференци арæзт æрцыд ЦИГСИИ
Вести. Аланийы хабæрттæ. Горæтгæрон районы байгом кодтой хъæрмуæтты комплекс
Вести. Аланийы хабæрттæ. Æхсæнадон барадыл æмæ адæмы æдасдзинадыл ног азы бæрæгбæтты рæстæг æрныхас кодтой терроризмы ныхмæ къамисы
Вести. Аланийы хабæрттæ. Эфир от 18.12.2024