Вести. Аланийы хабæрттæ. Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеобастдзинады хуызы архайдта промышленнон продукцийы æнæзакъоны зилдухы ныхмæ паддзахадон къамисы æмбырды
20 декабря 2024
10:26
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеобастдзинады хуызы архайдта промышленнон продукцийы æнæзакъоны зилдухы ныхмæ паддзахадон къамисы æмбырды. Ацы аз уыд фæстаг хатт. Æмбырд амыдта Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивæг – промышленносты æмæ базарады министр Денис Мантуров. Архайдтой ма дзы æххæстгæнæн хицаудзинады федералон оргæнты, стæй нæ бæстæйы субъектты минæвæрттæ. Сæйраг фарстатæй иу уыд – маркировкæйы национ системæйы рæзт, æмæ цæстдарæн архайды ахадындзинад.