Вести. Аланийы хабæрттæ. Æхсæнадон æххуысы штабы уыд дæсныйадæвдисæг ахуыр ампутантты командæ "Ирыстон"-ы футболисттæн
20 декабря 2024
10:38
Æхсæнадон æххуысы штабы уыд дæсныйадæвдисæг ахуыр ампутантты командæ "Ирыстон"-ы футболисттæн. Амыдта йæ Китайы иугонд командæйы сæйраг тренер Тайцзицюанæй – Сунь Ву. Цæгат Ирыстонмæ ссыд делегацийы хыгъды. Тай цзи цюань у рагон хъæбысхæцæн æмæ дзæбæхгæнæн аивады хуыз. Парахат у Китайы æмæ йæ арæх фæхонынц "китайаг гимнастикæ". Сæрмагондæй тай цзийы алыхуызон комплекстæй фæлтæрæнтæй райдайы Китайы цæрджыты алы райсом дæр.