Вести. Аланийы хабæрттæ. Сергей Меняйло видеоконференцийы бастдзинады хуызы архайдта наркотикты ныхмæ Паддзахадон комитеты æмбырды
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло видеоконференцийы бастдзинады хуызы архайдта наркотикты ныхмæ Паддзахадон комитеты æмбырды. Амыдта йæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев. Сæйраг темæ уыд – нæ бæстæйы наркоманийы профилактикæйы егъау системæ скæнын. Владимир Колокольцев куыд загъта, афтæмæй, накротикты ныхмæ стратеги царды уадзгæйæ, хъæуы адæмимæ æмбарынгæнæн куыст фæахадгæдæр кæнын. Уæлдай æргом здахын та хъæуы, цы зиантæм расайы наркомани, уымæ. Æмбырды архайджытæн бацæттæ кодтой ведомствоты хсæн стандарт. Уым сбæрæг кодтой алы адæмы категоритæн профилактикæйы мадзæлттæ. Уый у фыццаг ахæм проект ацы къабазы. Бакуыста йыл Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады Мæскуыйаг университеты наукон организаци. Йе вæрæн æм бахастой æххæстгæнæн хицаудзинады 13 федералон оргæны. Æмбырды ма сфидар кодтой наркотикты ныхмæ Паддзахадон комитеты куысты пълан 2025-æм азмæ.