Вести. Аланийы хабæрттæ. Эфир от 24.12.2024
24 декабря 2024
09:00
Цардархайды ахсджиаг къабæзтыл æмæ ног азы бæрæгбæттæм æдасдзинады службæтæн сæрмагонд куысты фæтк снысан кæнын. Ацы фарстатыл ныхас цыди аппаратон æмбырды. Дзæуджыхъæуы уыд, номдзыд режиссеры хæдзар сног кæныны тыххæй документалон кинонывы равдыст. Ныхас дзы цæуы, рацарæзты стæй реставратортæ цы зындзинæдтимæ æмбæлдысты, ууыл. Ног азы символтæй иу у хæрзконд заз бæлас. Дзæуджыхъæуы алы районты дæр байгом сты заз бæлæстæ уæйгæнæн бынæттæ.