Вести. Аланийы хабæрттæ. Фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй мингай сывæллæттæ адджын лæвæрттæ райстой Мæхъиты Зурабæй
25 декабря 2024
10:31
Фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæй мингай сывæллæттæ адджын лæвæрттæ райстой Паддзахадон Думæйы Депутат Мæхъиты Зурабæй. Традицимæ гæсгæ, ныр 8-æм аз, Ног азы агъоммæ фæкæсынхъуаг бинонтæ бæрæгбоны лæвæрттæ исынц хæрзаудæн фонд "Фарн"-æй. Афæдзæй-афæдзмæ хыгъд кæны фылдæр, æмæ та ацы аз дæр ног бинонтæ Ног азы къæсæрыл æхсызгонæй райстой æнæнхъæлæджы лæвæрттæ.