Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 01.11.2025
1 ноября 2025, 09:00
1-æм июлы Цæгат Ирыстоны бæрæг кæндзысты æфсæддон цауты ветераны Бон. Уый фæдыл уынаффæ хаст æрцыд республикæйы Парламенты æмбырды. Æркастысты кадрты фартамæ дæр. Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд номарæн бон. Æрымысыдысты, политикон репресситы амæттаг чи баци, уыцы цæгатирыстойнаг фысджыты æмæ аивæдты архайджыты нæмттæ. Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинаты скъоладзаутæн сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Ахæм ахуыртæ скъолаты лагерьты хъомылгæнинæгтæн арæзт цæуынц æртæ азы.