Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд акци "Аивæдты æхсæв"
5 ноября 2025, 10:24
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд акци "Аивæдты æхсæв". Культурæйы дæсгай кусæнуæттæ сæ дуæрттæ байгом кодтой аивадуарзджытæн. Тугъанты Махарбеджы номыл музейы бацæттæ кодтой равдыст "Заронты сезонтæ. Фенын, Фехъусын, Банкъарын". Экспозицийы фенæн ис Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Павел Зароны 50 куысты: Ирыстоны пейзажтæ, портреттæ, традицион нывтæ. Алы куыстæй дæр цæуы хæрздæф.