Вести. Аланийы хабæрттæ Хъармгæнæн сезон райдыдта хъахъхъæнынады министрады объектты дæр
8 ноября 2025, 10:03
Хъармгæнæн сезон райдыдта хъахъхъæнынады министрады объектты дæр. Афтæ, Цæгат Кавказы Суворовон æфсæддон училищæйы кусы нырыккон хъармгæнæн. Уый руаджы ахуыргæнæндоны 500 курсанты зонындзинæдтæ исынц афæдзы афонмæ гæсгæ æмбæлгæ уавæрты. Хъармгæнæн у автоматикон. Йæ хызы дæргъ у километрмæ хæстæг.