Вести. Аланийы хабæрттæ Царды цыдимæ хъуамæ нæ кадджын фыдæлтимæ арфæйаг хъуыддæгтæ ма фесæфой
8 ноября 2025, 10:05
Царды цыдимæ хъуамæ нæ кадджын фыдæлтимæ арфæйаг хъуыддæгтæ ма фесæфой. Уыдон баст сты царды алы къабæзтимæ. Сæ алкæцыйыл дæр куыст кæм цæуы, уыдонæй иу у Æрæфы районы хъæу Хæзныдон. Ацы хатт не сфæлдыстадон къорд уæ размæ рахæсдзæн сæ дæнцæгæн æрхæссинаг хъуыддаг – сæ уæлмæрдтæм куыд зилынц, уый.