Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд спортивон туризмæй республикон чемпионат
11 ноября 2025, 10:20
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд спортивон туризмæй республикон чемпионат. Ахæм ерыстæ Цæгат Ирыстоны уыдысты фыццаг хатт. Велосипедисттæн бацæттæ кодтой дыууæ къæпхæны. Фыццаг бон спортсментæ æххæст кодтой алыхуызон элементтæ. Дыккаг къæпхæны та уыд туристон триал. Уый ацыд Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты. Маршруты дæргъ уыд 500 метры. Ахсджиаг уыд тагъд ацæуын, уыимæ æнæ ивартæй.