Вести. Аланийы хабæрттæ Дигорайы уыд Бердиты Солтаны номыл 11-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй
11 ноября 2025, 10:21
Дигорайы уыд Бердиты Солтаны номыл 11-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыс кодтой 11-12 азы кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ. Æдæппæтæй 150 архайæджы Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй. Уæлахиздзауты æмæ призерты сбæрæг кодтой 14 уæзы категорийы. Хъæбысхæцджытæн ма уыд сæрмагонд хæрзиуджытæ дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.