Вести. Аланийы хабæрттæ Национ музейæн лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты архивон документтæ
17 мая 2024, 11:37
Национ музейæн лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты архивон документтæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд патриотон экспедицимæ гæсгæ. Йæ маршрут у горæт-хъæбатыр Ленинград – æфсæддон намысы горæт Дзæуджыхъæу. Ацы 2 горæты иу кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты иумæйаг хъæбатыр истори æмæ æнæмæлгæ намыс. Мадзал сарæзта Санкт-Петербурджы хæсты, фæллойы, гæрзифтонг тыхты æмæ барадхъахъхъæнæн оргæнты ветеранты æхсæнадон организаци. Делегацийы хыгъдмæ бацыд 6 адæймаджы.