![](https://cdn-st1.smotrim.ru/vh/pictures/xw/498/941/6.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Ногиры дарддæр цæуы бынæттон культурæйы хæдзары бындурон цалцæг
17 мая 2024, 11:39
Ногиры дарддæр цæуы бынæттон культурæйы хæдзары бындурон цалцæг. Куыстытæ цæуынц национ проект "Культурæ"-йы фæлгæты. Бæстыхай сарæзтой 1961-æм азы æмæ уæдæй нырмæ цалцæггонд нæ уыд. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй аразджытæ баивдзысты бæстыхайы сæр æмæ коммуникацитæ, саив кæндзысты мидæггаг агъуыстытæ, стæй скæндзысты ног рухсгæнæн системæ.