Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты антитеррористон ахуыртæ
21 мая 2024, 11:35
Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты антитеррористон ахуыртæ. Ацыдысты республикæйы æппæт районты. Скъоладзаутæн радзырдтой, тæссаг уавæрты хи раст дарыны æгъдæуттæ. Дзæуджыхъæуы 24-æм скъолайы бацæттæ кодтой тренировкæты дыууæ сценарийы. Иу æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, ахуыргæнæндон бацахстой террористтæ. Кусджытæ æмæ ахуырдзаутæ сарæхстысты, æмæ сæхи бахъахъхъæдтой.