Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйло аппаратон æмбырды бабар кодта хæдзæрттæм æмæ социалон объекттæм хъарм бадæттын

14 мая 2024, 11:36

Сергей Меняйло аппаратон æмбырды бабар кодта хæдзæрттæм æмæ социалон объекттæм хъарм бадæттын. Ахæм уынаффæ регионы разамонæг рахаста боныхъæд хынцгæйæ. Рынчындæтты, сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ скъолаты кæддæриддæр хъуамæ уа хъарм. Республикæйы сæргълæууæг цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрæн, стæй районты сæргълæуджытæн бабар кодта уæлдæфы температурæ хынцын, æмæ фарста æвæстиатæй лыг кæнын.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация