Вести. Аланийы хабæрттæ. Традицион хæзнатæ бахъахъхъæныныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды
17 апреля 2024
19:47
Традицион хæзнатæ бахъахъхъæныныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Архайдтой дзы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытæ, фæсивæдон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй национ-культурон æхсæнадты уæнгтæ. Ныхас цыд удварны хæзнатыл, адæмы иудзинадыл, патриотизмыл, истори хъахъхъæныныл æмæ фæлтæрты бастдзинадыл.