Вести. Аланийы хабæрттæ Театр "Саби"-йы равдыстой спектакль "15 азы"

21 мая 2024, 11:38

"15 азы". Ахæм сæргондимæ театр "Саби"-йы равдыстой спектакль. Сæвæрдтой йæ Коцойты Арсены уацмысмæ гæсгæ. Йæ бындуры ис цымыдисаг истори, æмæ дзурæг у царды ахсджиаг хабæрттыл. Бæлвырддæр та, фыццаг бакастæй, гыццыл сайд адæймаджы цард æвзæрырдæм куыд аивта, ууыл. Сæйраг рольтæ сарæзтой Хъараты Максим æмæ Браты Камиллæ. Спектакль бацæттæ кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон сбæрæг кæнынмæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация