Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 24.05.2024

24 мая 2024, 09:00

Уалдзыгон быдырон куыстытæ сты сæ тæмæны. Рахизфарсы районы хуымзæххыты фæзуат та у 24 мин гектары. Дыууæ къуыримæ аграритæ нысан кæнынц тауыны куыстытæ фæуын. Адæмон фронты уæнгтæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы цалдæр хæдзары кæрты. Федтой сын сæ уавæр, байхуыстой адæмы хъæстытæм. Аиппытыл хъуамæ бакусой бæрнон кусджытæ. Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музейы байгом фыццаг ирон профессионалон хуызисæг Дзанайты Алыксандры номимæ баст равдыст. Экспозици феныны фадат уыдзæн майы кæронмæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация