Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст
21 июня 2024
11:30
Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады газы хъармгæнæны куыстытæм бавнæлдтой. Æххæстæй автоматизацигонд хъармгæнæн эксплуатацимæ радтой фарон. Конд у 2 модулæй. Æххæст у æппæтæй ногдæр æмæ тыхджындæр ифтонггæрзтæй. Ам зæххы бын ис артаджы 3 резервуары. Хъармгæнæн хызты дæргъ у фондзсæдæ метры бæрц.