![](https://cdn-st1.smotrim.ru/vh/pictures/xw/506/790/0.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы культурæйы колледжы адæмон хайады арæзт æрцыд радон дзуапдæттæн концерт
28 июня 2024, 11:29
Мадзал ацыд Гæздæнты Булаты номыл оркестры Концертон залы. Бирæ азты Булат ахуыргæнæгæй куыста колледжы. Программæмæ хаст æрцыдысты ирыстойнаг композиторты, стæй уырыссаг адæмон сфæлдыстады уацмыстæ. Афтæмæй лæппутæ æмæ чызджытæ равдыстой, цыфæнды репертуар ацæгъдынмæ цæттæ кæй сты, уый. Уый размæ та дзуапдæттæн концерт радта колледжы хореографион ансамбль.