Вести. Аланийы хабæрттæ. Æрыскъæфы хъæздыг тыллæг æрæмбырд кодтой Мæздæджы районы аграрон кусджытæ
21 июня 2024
11:33
Æрыскъæфы хъæздыг тыллæг æрæмбырд кодтой Мæздæджы районы аграрон кусджытæ. Хæрзад æмæ хæрздæф гагадыргъ æмбырд кæнын райдыдтой майы райдиан. Хæдзарады æрыскъæф сагъд ис 1 гектары плантацийыл. Йæ сæмбырд кæнынæн хъæуы сæрмагонд технологи, æмбæлгæ æмæ бæстон цæстдард... Æппæт ацы æууæлтæ сты хъæздыг тыллæджы сæйраг бындур. Мæймæ иу плантацийæ æрæмбырд кодтой 10 тонны гагадыргъ. Уæвгæ, æрыскъæф у хивæнд зайæгой. Æмбырд кæнын æй хъæуы арæхстгай, цæмæй йæ хуыз ма фесафа.