Вести. Аланийы хабæрттæ. Уæрæсейы бирæ регионтæй, фонд "Твори Добро"-йы 20 партнерæй фылдæр хæрзаудæн нысанимæ ссыдысты Мæздæгмæ
27 июня 2024
11:44
Ам бабæрæг кодтой бинонтæн æххуысы центр "Амонд". Фонды минæвæрттæ хæрзаудæн компани "Дрим"-ы уæнгтимæ радзырдтой сæ куысты тыххæй, бæлвырддæр та – сывæллæттæн æххуысы мадзæлтты тыххæй. Центры хъомылгæнинæгтæн балæвар кодтой алыхуызон кусæнгæрзтæ, уазалгæнæнтæ æмæ гæрзтæ хсæнтæ. Сывæллæттæ та уазджытæн бацæттæ кодтой концерт.