Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадæн райдыдта йе ртыккаг къæпхæн

1 июля 2024, 12:10

Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадæн райдыдта йе ртыккаг къæпхæн. Проектмæ хаст æрцыд æртæ æмвæзады фæндаджы. Уыдонæй та уыдзæн авд рацæуæны. Уæвгæ ног фæндаг уыдзæн цыппаррæнхъон. Асфальт ыл æвæрынц æртæ уæлцъарæй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ специалисттæ хынцынц экологон домæнтæ, кæнынц уæззау технологон куыстытæ. Фæндаг æххæстæй арæзт фæуыдзæн 2026-æм азы.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация