Вести. Аланийы хабæрттæ. Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзон фæлладуадзæн бынатыл сæххæст 70 азы
08 ноября 2024
10:30
Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзон фæлладуадзæн бынатыл сæххæст 70 азы. Дендрарий у диссаджы парк: йæ сыгъдæг уæлдæф, йæ хъæздыг зайæгойты æмæ цæрæгойты дуне хæссынц адæмæн æхсызгондзинад. Йæ истори райдыдта хæсты фæстæ азты, республикæйы хицауады руаджы горæты алыварс территорийы рацарæзт куы райдыдта, уæд. Уыцы рæстæг фидæны парчы проектыл куыстой специалисттæ Воронежæй.