Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Хъороты Мæдинæ цæттæ кæны авторон куклатæ миниатюрæйы

8 ноября 2024, 10:31

Дзæуджыхъæуы цæрæг Хъороты Мæдинæ цæттæ кæны авторон куклатæ миниатюрæйы. Раздæр йæ цардархайд фылдæр баст уыд спортимæ, ныр та йе ргом аздæхта сфæлдыстадмæ – уый йæ зæрдæйы алкæддæр сæрмагонд бынат ахста. Чызджы коллекцийы ис Абайты Васойы, Хетæгкаты Къостайы, Марина Цветаевайы куклатæ. Хуымæтæг æлыгæй аив фæлгонц куыд рауайы, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация