Вести. Аланийы хабæрттæ. Хицауады цæттæ кæнынц регионы экономикæйы хицæн къабæзты рæзты стратегитæ
15 ноября 2024
10:42
Хицауады цæттæ кæнынц регионы экономикæйы хицæн къабæзты рæзты стратегитæ. Документтыл куыст цæуы, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ. Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды докладтæ скодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы, æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадтæ, стæй культурон объектты хъахъхъæныны комитеттæ.