Вести. Аланийы хабæрттæ Хæзныдоны сывæллæттæн ныр секцитæм цæуын у æнцондæр æмæ цымыдисагдæр
15 ноября 2024, 10:45
Хæзныдоны сывæллæттæн ныр секцитæм цæуын у æнцондæр æмæ цымыдисагдæр. Хъæуы культурæйы хæдзар цалцæггонд æрцыд национ проект "Культурæ" æххæстгæнгæйæ. Сног кодтой зал, балхæдтой хъæддзаума æмæ техникон фæрæзтæ. Ныр ардæм цæуынц 50 сывæллоны. Уыдон арæх саразынц концерттæ – равдисынц цæуыл ахуыр кæнынц культурæйы хæдзары, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.