Вести. Аланийы хабæрттæ Йæ 90 азы юбилей ацы бонты сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг Хуыгаты Сергей
18 мая 2023, 11:20
Йæ 90 азы юбилей ацы бонты сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг Хуыгаты Сергей. Хуссар Ирыстоны республикæйы Хæлардзинады ордены кавалер йе сфæлдыстадон фæндаг райдыдта ивгъуыд æнусы 50-йæм азты. 1962-æм азы та рухс федта йе мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд "Бонвæрнон". Хуыгаты Сергей кодта ахуыргæнæджы куыст дæр. Йæ юбилейы кадæн Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы арæзт æрцыд фыссæгимæ фембæлд. Хуынд æм æрцыд нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.