Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонтæн
23 апреля 2024, 11:20
Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонтæн – Æлборты Шалвайæн æмæ Алыккаты-Хъæстуаты Георгийæн. Дыууæйæ дæр уыдысты ацы ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ. Мадзал райдыдта республикæйы гимнæй. Ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ, зæлыдысты авторон патриотон зарджытæ.