Вести. Аланийы хабæрттæ Æнусы рдæгмæ хæстæг Дур-Дуры цæрджыты бирæ фæлтæртæ схъомыл сты ацы рæвдауæндоны
24 апреля 2024, 12:28
Рæстæджы цыдимæ бæллицтæ, хъуыддæгтæй царды сæ бынат арынц. Дыгуры районы Дур-Дуры хъæуы цæры цыппар сæдæ бинонтæй фылдæр. Бирæ азты се стырдæр тыхст у – цы сывæллæтты рæвдауæндон дзы ис, уым сабитæн фаг бынат кæй нæй, уый. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у. Сосранты Жаннæ бабæрæг кодта куыстуат æмæ уæм хæццæ кæны йе нкъарæнтæ.