Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны прокуратурæмæ балæвæрдтой 43 æркæсинаг хъуыддаджы

25 апреля 2024, 11:38

Цæгат Ирыстоны прокуратурæмæ балæвæрдтой 43 æркæсинаг хъуыддаджы. Æппæтæй фылдæр закъонхæлдтытæ дзы разынди Дзæуджыхъæуы. Ахæм бæрæггæнæнтæ брифинджы рæстæг фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сæйраг фарста – зæххы хæйттæ дæттыны закъон, растдæр зæгъгæйæ та æнæзакон.  Ацы хъуыддаг бæстонæй иртасын райдыдтой январы. Республикæйы сæргълæууæг уавæрæй разы нæу.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация