![](https://cdn-st2.smotrim.ru/vh/pictures/xw/502/820/5.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны ацыд "Баварийы Кубок" рамбулыны сывæллæтты футболон турнир
6 июня 2024, 12:11
Цæгат Ирыстоны ацыд "Баварийы Кубок" рамбулыны сывæллæтты футболон турнир. Дыууæ боны ерыстæ баст уыдысты компаниты къорд "Бавари"-йы 30 азимæ. Уæлахизыл архайдтой 9 командæйы Беслæнæй, Алагирæй, Дигорайæ, Цыколайæ æмæ Дзæуджыхъæуæй. Футболисттæ – 2011-æм азы гуырд фæсивæд. Турниры цымыдисагдæр командæтæй иу уыди чызджыты къорд "Юность".