![](https://cdn-st3.smotrim.ru/vh/pictures/xw/505/072/6.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Ирыстоны скъоладзаутæн ис фадат сæ ахуыргæнæндоны сæрдыгон лагеры бацархайынæн
19 июня 2024, 11:34
Сæрдыгон лæвар сывæллæттæн. Ирыстоны скъоладзаутæн ис фадат сæ ахуыргæнæндоны сæрдыгон лагеры бацархайынæн. Æрæфы районы нырттæккæ кусы 9 ахæм бынаты. Алкæцы дæр дзы æххæст у нырыккон гæнæнтæй. Сывæллæттæ дзы сæ бон арвитынц зæрдæхъæлдзæгæй. Не сфæлдыстаддон къорд бабæрæг кодта Хæзныдоны Тубети Сланбеджы номыл скъолайы лагерь.